Ким Суанов
Рæсугъд чызгай
Исполнитель: Ким Суанов
Длительность: 03:31
Размер: 2.42 МБ
Качество: 96 kbit/sec
Формат: mp3
Ну как песня, понравилась? Поделись с друзьями!
Текст песни "Ким Суанов — Рæсугъд чызгай"
О, мæ хуры хай, рæсугъд чызгай,
Ды дæ æнусмæ мæ цард, мæ цин,
*Ды дæ мæ бæллиц, рæсугъд чызгай,
Фæлмæн мидбыл мæм фæхуд. (2 хатты)
Фæрнæй фæццæрай мын, мæ царды дидинæг,
Ды мын 'ссыгътай мæ риу.
Ды дæ мæ бæллиц, рæсугъд чызгай,
Фæлмæн мидбыл мæм фæхуд.
О, мæ дуне, фæрнæй цæрай ,
Æхсызгон мын у дæ уынд, дæ конд,
*Дæу цы бон федтон, мæ хуры хай,
Уæдæй дын мæ цард нывонд. (2 хатты)
*Фæрнæй фæццæрай мын, мæ царды дидинæг,
Ды мын 'ссыгътай мæ риу.
Ды дæ мæ бæллиц, рæсугъд чызгай,
Фæлмæн мидбыл мæм фæхуд. (2 хатты)
О, хъуымбыл дзыкку, сау рæсугъд,
Ды дæ æнусмæ мæ цард, мæ цин.
*Ды дæ мæ бæллиц, рæсугъд чызгай,
Фæлмæн мидбыл мæм фæхуд.(2 хатты)
Фæрнæй фæццæрай мын, мæ царды дидинæг,
Ды мын 'ссыгътай мæ риу.
*Ды дæ мæ бæллиц, рæсугъд чызгай,
Фæлмæн мидбыл мæм фæхуд. (2 хатты)
О, мæ хуры хай, рæсугъд чызгай!
**К.Золойти